Хуссар Иры парламенты спикер ауагъта цалдӕр фембӕлды Мӕскуыйы

Хуссар Ирыстоны депутаттӕ хайад исынц Ӕхсӕнадӕмон форум "Парламентаризмы райрӕзты" куысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр ӕмӕ УФ Паддзахадон думӕйы сӕргълӕууӕг Вячеслав Володин ӕрдзырдтой ӕхсӕнпарламентон ӕмгуыстады фарстытыл Мӕскуыйы фембӕлды рӕстӕджы.

Гасситы Петр хайад исы Ӕхсӕнадӕмон форум "Парламентаризмы райрӕзты" куысты Мӕскуыйы. Парламенты делегацийы сконды ма ис парламенты фӕсарӕйнаг политикӕ ӕмӕ парламентты ӕхсӕн бастдзинӕдты комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Игорь дӕр.

"Уыд фембӕлд Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр ӕмӕ УФ Паддзахадон думӕйы сӕргълӕууӕг Вячеслав Володинӕн. Фарсытӕ ӕрдзырдтой алыгъуызон фарстытыл, кӕцытӕ здӕхт сты ӕхсӕнпарламентон ӕмгуыстады райтынгмӕ. Уымӕй дарддӕр ма фембӕлдыстӕм Абхаз ӕмӕ Сирийы делегацитимӕ. Мах загътам бузныджы ныхӕстӕ нӕ сириаг коллегӕтӕн, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад кӕй банымадтой, ахӕм ныфсджын къахдзӕфы тыххӕй", — хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ Гасситы Петры ныхӕстӕ.

Дыццӕджы форумы хайадисджытӕ адарддӕр кӕндзысты сӕ куыст секциты. Афтӕ ма нывӕндынц ауадзын тымбыл фынг фӕсивӕдон политикӕйы парламентон барынад ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон гуманитарон барады фарстыты фӕдыл. Мадзалӕн хатцӕгтӕ бакӕндзысты пленарон рабадт "Парламентаризм куыд ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады институт"-ы, уынаффӕйы фӕстиуӕг та уыдзӕн декларацийы райст.