Пухаты Радионы саккаг кодтой орден "Фидауынгӕнӕг"-ӕй

Ирон ӕхсӕнадты ӕхсӕнадӕмон ассоциаци "Сӕндидзӕны" сӕргълӕууӕджы схорзӕх кодтой фидауынгӕнӕн архайд ӕмӕ ирон культурӕ раразмӕ кӕныны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Бельгийы ӕмбӕстӕгты Координационон советы сӕргълӕууӕг Пухаты Радион райста Ӕхсӕнадӕмон фидауынгӕнӕн альянс "Фидауынгӕнӕджы" хорзӕх. Уый тыххӕй фехъусын кодта альянсы координационон советы уӕнг, Цӕгат Ирыстоны минӕвар республикӕ Хъырымы Савлаты Валерий социалон хыз Facebookы йӕ официалон фарсыл.

"Ирыстон знон, абон, сом": Парижы байгом сты Ирон культурӕйы бонтӕ

"Ацы хорзӕх у дӕ фидауынгӕнӕн архайды ӕмӕ ирон культурӕйы раразмӕ кӕныны тыххӕй банымад. Европӕйы Ирон культурӕйы бонты ныридӕгӕн сты хорз традици, алы аз дӕр дӕттынц фӕзуат Ирыстоны нывгӕнджытӕн", — дзырдӕуы Савлаты Валерийы хъусинаджы.

Афтӕ ма Пухаты Радион у ирон ӕхсӕнадон-культурон организаци "Аланты Ныхасы" сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг ӕмӕ ӕнӕкоммерцион организаци "Renaissaance Sandidzan"-ы сӕргълӕууӕг. Пухаты Радион ныридӕгӕн 16 аз нӕ цӕры Ирыстоны, ссис проект "Ирон культурӕйы бонтӕ Европӕйы" рымысӕг, кӕцы уагъд цӕуы ныр аст азы. Уыцы рӕстӕгмӕ мадзӕлттӕ уагъд ӕрцыдысты Европӕйы дӕс бӕстӕйӕ фылдӕры.