ПӔК: Хуссар Иры иу мӕймӕ ӕрцахстой 35 арӕнсӕттӕджы

Ивгъуыд мӕй фӕкъаддӕр ис арӕнсӕтджыты нымӕц: майы – 35, апрелы – 45
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕдасдзинады комитет фехъусын кодта республикӕйы паддзахадон арӕн сӕттыны цауты тыххӕй майы. Уагдоны пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, ивгъуыд мӕй арӕны алыгъуызон хӕйтты ӕрцахстой 35 арӕнсӕттӕджы — уый у дӕс адӕймаджы цъусдӕр апрелӕй.

ПӔК-ы радзырдтой арӕнмӕ фӕтыхджындӕргонд хъусдарды тыххӕй

Арӕнсӕтджыты фылдӕр хай ӕрцахстой Гуырдзыстонимӕ арӕныл. Уӕрӕсеимӕ арӕныл та ӕрцахстой ӕртӕ адӕймаджы: дыууӕйы арӕны режим халыны тыххӕй, иуы та адӕмы арӕны сӕрты ӕнӕзакононӕй ласыны тыххӕй.

ПӔК-ы банысан кодтой, алкӕцы хъуыддаджы фӕдыл дӕр Арӕнгӕрон службӕ кӕй ауагъта равзӕрсттӕ. Арӕнсӕтджыты фӕдыл бакодтой административон хъуыддӕгтӕ, афтӕ ма семӕ ауагътой ӕмбарынгӕнӕн куыст дӕр.

Арӕнсӕттджытӕ цы ивар бафыстой, уымӕй паддзахады бюджет фӕхъӕздыг 50 мин сомы бӕрц.

Уымӕй дарддӕр ма майы Дзауы районы тӕрхондон рахаста уынаффӕ, апрелы кӕцы Узбекистан ӕмӕ Таджикистаны ӕмбӕстӕ ӕрцахстой, уыдон фӕдыл, кӕцытӕ  фӕнд кодтой уагъдзӕн пункт "Рукъы" уылты ӕрбаласын табугонд буарад "Насвай".