ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Инвестицион архайды закон райста Хуссар Ирыстоны министрты кабинет, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий рабадты банысан кодта, законы ног фыст кӕй схизын кӕндзӕн инвестицион фадыг стырдӕр ӕмвӕзадмӕ.
"Закон хъахъхъӕны инвестицион архайд республикӕйы ӕмӕ йӕ сӕйраг нысан у капиталтӕ ӕрбакӕнын ӕмӕ республикӕйы инвестицион уавӕртӕ райтынг кӕнын", — загъта министр
Афтӕ ма хицауады уӕнгтӕ схъӕлӕс кодтой уӕлбарон ӕфстауӕн ӕххуыс кӕныны фонд аразыныл, кӕцы арӕзт цӕудзӕн нӕхи паддзахадон бюджеты ӕфтиагтӕй. Ӕххӕстгӕнӕг директорӕй баурӕдтой экономикӕйы министрады социалон-экономикон нывӕзт ӕмӕ прогноз кӕныны управленийы хистӕр Бибылты Ноннайы.
Уагдоны сӕргълӕууӕг банысан кодта, ацы бынатӕн мызд кӕй нӕ фидынц ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕг директорӕй кӕй баурӕдтой министрады профилон специалисты.