Хуссар Иры цӕрӕг йӕ цӕхӕрадоны зайын кодта гӕн

Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ссардтой гӕны къутӕр нӕлгоймаджы хӕдзары территорийыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Цхинвалы районы Гудзабары хъӕуы 55-аздзыд ӕмбӕстаджы цӕхӕрадоны фӕдагурджытӕ ссардтой гӕны къутӕр оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ "Хӕдзӕрттӕ, агъуысттӕ ӕмӕ траспортон фӕрӕзты басгӕрсты" рӕстӕджы, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

"Мадзӕлтты рӕстӕджы ссардтой ӕфсӕйнаг боцъкайы зайгӕ цъӕх къутӕр, кӕцы уыдис накротикон буарадимӕ зайӕгой "гӕны" хуызӕн", — радзырдтой уагдоны.

МХМ кусджыты экспертизӕ сбӕрӕг кодта, цы къутӕр ссардтой, уый кӕй уыд зайӕгой наркотикон буарадимӕ (тетрогидроканнабинол).

Ӕмбӕстаджы архайд хауы статьямӕ "ӕнӕзаконон рӕзын кӕнын зайӕгойты, кӕцыты ис наркотикон, кӕнӕ психотропон буарадтӕ".