Хуссар Иры ирвӕзынгӕнӕн авиацийы арӕзтадыл ӕрдзырдтой дыууӕ бӕстӕйы УУ министртӕ

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы УУМ ӕмгуыстадыл ӕрдзырдтой уагдонты сӕргълӕуджытӕ Тадтаты Алан ӕмӕ Евгений Зиничев
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сӕргълӕууӕг Тадтаты Алан фембӕлд йӕ ног уӕрӕсейаг коллегӕ Евгений Зиничевимӕ. Фембӕлд уагъд ӕрцыд Ӕхсӕнадӕмон салон "Комплексон хъахъхъӕнынад-2018"-ы рӕстӕджы, хъусын кӕны РХИ УУМ пресс-службӕ.

"Дыууӕ бӕстӕйы уӕлвӕткон уагдонты сӕргъдӕуджытӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстады приоритетон здӕхтытыл, сӕйраджыдӕр, Хуссар Ирыстоны УУМ кусджыты квалификаци фӕуӕлдӕр кӕныны ӕмӕ республикӕйы ирвӕзынгӕнӕн авиацийы арӕзтадыл", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Афтӕ ма Уӕрӕсейы Федерацийы УУМ адарддӕр кӕндзӕн 2019 азы Хуссар Ирыстоны территорийы минӕтӕ агурыны куыст. Баныхасы рӕстӕджы Зиничев бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы ахастытӕ кӕй сты стратегион ӕмгарады бындурыл.

Ӕртыккаг æрцыд: "Лидер" ссыгъдæг кæндзæн хæлæн æрмæгæй Цхинвалы районы иу хай

"Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадӕмон позициты сфидар ӕмӕ ӕдасдзинад сифтонг кӕнынӕн ӕххуыс у Уӕрӕсейы Федерацийы приоритеттӕй иу. Афтӕ ма нӕ бӕстӕты ирвӕзынгӕнӕн службӕты бӕтты фидар ӕмгарон ахастытӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрӕсейы УУМ фӕнд кӕны дарддӕр дӕр райтынг кӕнын", — загъта уый.

Ӕхсӕнадӕмон салон "Комплексон хъахъхъӕнынад-2018" цӕуы ныридӕгӕн 11-ӕм хатт. Салоны куысты хайад исынц 100 бӕстӕйы минӕвӕрттӕ.