Куыд бахауӕн ис Хуссар Иры абитуриенттӕн УФ ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕттӕм

Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынадон уагдон радта хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн 12 хуыздӕр университтӕм фӕйнӕ иу бынаты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕддон уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм бацӕуынмӕ кандидаттӕн — сӕдӕйӕ фылдӕр абитуриентӕн уагъд цӕуынц конкурсон фӕлварӕнтӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Ацы аз УФ Хъахъхъӕнынады министрад рахицӕн кодта хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн бынӕттӕ 12 хуыздӕр университеты — фӕйнӕ иу алкӕцымӕ дӕр. Уӕлидзинад ис Гарзджын тыхты минӕвӕртты сывӕллӕттӕн, Кадетон скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ Гуырдзыйы агрессийы рӕстӕджы цы ӕфсӕддонтӕ фӕмард сты, уыдон сывӕллӕтӕн.

"Конкурсон ӕвзӕрсты фыццаг этапы абитуриенттӕ ацыдысты психологон фӕлварӕн. Психологон тестты фӕрцы сбӕрӕг вӕййы агрессивондзинад ӕмӕ конфликтондзинады ӕмвӕзад", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уый фӕстӕ абитуриенттӕ ацыдысты ӕфсӕддон-медицинон къамис, кӕцы сбӕлвырд кодта ӕфсӕддон службӕмӕ цӕттӕдзинад, афтӕ ма радтой физикон цӕттӕдзинады фӕлварӕнтӕ дӕр.

Ныр та абитуриенттӕ дӕттынц фӕлварӕнтӕ цалдӕр ахуырадон дисциплинӕйӕ сӕ дӕсниадмӕ гӕсгӕ.

1 / 3
Абитуриенттӕн уагъд цӕуынц конкурсон фӕлварӕнтӕ
2 / 3
Абитуриенттӕн уагъд цӕуынц конкурсон фӕлварӕнтӕ
3 / 3
Абитуриенттӕн уагъд цӕуынц конкурсон фӕлварӕнтӕ

"Ӕвзӕрстытӕ уагъд цӕуынц исӕнуаты къамисы хъусдардӕй, кӕцыйы сӕргъ лӕууы Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты генералон штабы хистӕр, булкъон Виктор Федоров. Къамисы сконды сты Генералон штабы хайадты ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады службӕты офицертӕ. Конкурсон фӕлварӕнты фӕстӕ къамис равзардзӕн абитуриентты, кӕцытӕ ацӕудзысты ӕфсӕддон университеттӕм ахуыр кӕнынмӕ", — радзырдтой министрады.

Июлы сомбоны ӕфсӕддонтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы "Ӕвзонг ӕфсӕддоны курс" хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры, райсдзысты ӕфсӕддон ардбахӕрд дӕр.