Ӕртӕ авари – цыппар зианбаййафӕджы: милици радзырдта фӕндӕгтыл уавӕры тыхххӕй

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) фехъусын кодтой Фӕндагон транспортон цауты (ФТЦ) тыххӕй, кӕцытӕ ӕрцыдысты сабатӕй къуырисӕрмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 9-11 июны ӕрцыд ӕртӕ авари, цыппар адӕймаджы аластой рынчындонмӕ, фехъусын кодтой республикӕйы МХМ пресс-службӕйы.

Ӕрвонг шофыр ӕмӕ нозтджын зианбаййафӕг

Уагдоны радзырдтой, 9 июны Цхинвал-Знауыр фӕндаджы 13 километрыл горӕты 20-аздзыд цӕрӕг хӕдтулгӕ ВАЗ-2109-ыл кӕй ныццавта Арчънеты хъӕуы 52-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы. Зианбаййафӕджы аластой Цхинвалмӕ республикон рынчындонмӕ цъӕл къахимӕ.

Медицион басгӕрст сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд ӕрвонг ӕмӕ зинабаййафӕг та нозтджын.

"Нива" ӕмӕ "Toyota Land Cruiser"

Ноджы ма иу ФТЦ ӕрцыд 11 июны изӕры, хъусын кӕны МХМ: Цхинвал-Ленингоры фӕндаджы 10 километрыл, Сатихъары хъӕуы цур Цхинвалы 60-аздзыд цӕрӕг горӕтмӕ цӕугӕйӕ сӕмбӕлд йӕ хӕдтулгӕ "Toyota Land Cruiser"-ыл ВАЗ-2121 "Нива"-йыл, кӕцыйы шофыр уыд Сатихъары хъӕуы 51-аздзыд цӕрӕг.

Цауы фӕстиуӕгӕн, "Нива"-йы пассажиры — шофыры 31-аздзыд ӕмхъӕуккаджы аластой республикон соматикон рынчындонмӕ. Дыууӕ шофыр дӕр уыдысты ӕрвонг.

Нӕ сырӕхст хӕдтулгӕ скъӕрын

Уыцы бон ма ноджы иу ФТЦ ӕрцыд Хуссар Ирыстоны Знауыры районы: Цхинвалы 48-аздзыд цӕрӕг нӕ сырӕхст хӕдтулгӕ "Volkswagen Vento" скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд цӕрӕг хӕдзары ӕмбондыл.

Цауы фӕстиуӕгӕн шофыр ӕмӕ 50-аздзыд пассажиркӕйы алыгъуызон буары цӕфтимӕ аластой республикон соматикон рынчындонмӕ.

Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд ӕрвонг.