УФ боксы Федерацийы фехъусын кодтой, кӕд зӕгъдзысты Гасситы-Усикы тохы датӕ

Цалынмӕ хылы организатортӕн сӕ бон нӕу уынаффӕ рахӕссын, уӕдмӕ Гасситы Мурӕт йӕхи дарддӕр цӕттӕ кӕны, йӕ тренировкӕты видео ныммыхуыр кодтой Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы официалон фарсыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы боксы Федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев радзырдта, Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы тохы бынат ӕмӕ рӕстӕджы фӕдыл зын баныхас дарддӕр кӕй цӕуы, фӕлӕ уынаффӕ рахӕсдзысты иу-дыууӕ къуырийы фӕстӕ, хъусын кӕны РИА Новости.

"Баныхас у зын, цӕуы боксертимӕ нӕ, фӕлӕ WBSS къухдариуӕгадимӕ. Мах уырны, иу кӕнӕ дыууӕ къуырийы фӕстӕ кӕй рахӕсдзыстӕм уынаффӕ, фӕлӕ боксертӕ уӕддӕр сӕхи цӕттӕ кӕнынц, уӕлдай сын нӕу, хыл цы ран цӕудзӕн", — загъта уый.

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн хъуамӕ ацыдаид Саудон Аравийы 11 майы, фӕлӕ йӕ ахастой украинаг боксер травмӕ кӕй райста, уый тыххӕй. Амӕйразмӕ Кремлев фехъусын кодта, федераци бавдыст кӕй бадӕтта, цӕмӕй хыл ауадзой Уӕрӕсейы 22 июлы. Апрелы Гасситы Мурӕт ӕрурӕдта йӕ тренировкӕтӕ Америкӕйы ӕмӕ та сӕ сног кодта майы.

 

Цалынмӕ хылы организатортӕн сӕ бон нӕу уынаффӕ рахӕссын, уӕдмӕ Гасситы Мурӕт йӕхи дарддӕр цӕттӕ кӕны, йӕ тренировкӕты видео ныммыхуыр кодтой Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы официалон фарсыл.