Бибылты Анатолий: пырх цӕрӕнуат у Хуссар Иры ахсджиагдӕр проблемӕтӕй иу

Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг бабӕрӕг кодта цалцӕггӕнӕн куыстытӕ цӕрӕнуӕтты, кӕцытӕ наппырх сты 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий федта ӕхсӕз хӕдзары, кӕцыты сцалцӕг кодтой ацы аз хӕрзаудӕн фонд "Аланийы иудзинады" фӕрӕзтӕй. Ӕртӕ хӕдзары куыстытӕ нырма цӕуынц, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ. Хӕдзӕртты цалцӕджы хайад исынц Цхинвалы администрацийы кусджытӕ.

Анатолий Бибилов проинспектировал ход восстановления жилья

Дудайты Павелы хӕдзар ныппырх ис сармадзаны нӕмыгӕй, уый радзырдта, 10 аз кӕй цардис кӕйдӕр хӕдзӕртты.

"Ацы дӕс азы ӕз цардтӕн кӕйдӕр хӕдзӕртты, фӕлӕ ныр мах цӕттӕ кӕнӕм бацӕуынмӕ нӕ ног хӕдзармӕ. Ӕз бузныг дӕн нӕ президентӕй, нӕ хӕдзар нын сцалцӕг кодтой йӕ барамындмӕ гӕсгӕ", — загъта уый.

Афтӕ ма Кокойты Гурам дӕр радзырдта, ивгъуыд азы кӕрон Бибылты Анатолийӕ кӕй ракуырдта, цӕмӕй йын йӕ хӕдзар сцалцӕг кӕной.

"2017 азы кӕрон ӕз ракуырдтой Бибылты Анатолийӕ, цӕмӕй мын сцалцӕг кӕной мӕ хӕдзар, кӕцы фӕхъыгдард ис 2008 азы хӕсты рӕстӕджы. Президент дзырд радта, 2018 азы мын мӕ хӕдзар кӕй сараздзысты ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта",-  загъта уый.

Анатолий Бибилов проинспектировал ход восстановления жилья

Бибылты Анатолий банысан кодта, хӕлд цӕрӕнуат кӕй у Хуссар Ирыстоны иууыл ахсджиагдӕр проблемӕтӕй сӕ иу.

"Ацы аз мах фӕнд кӕнӕм саразын 15 хӕдзары Цхинвалы ӕмӕ уыййас дӕр республикӕйы районты. Мӕн фӕнды бахахх кӕнын, ацы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр кӕй ныппырх сты хӕсты рӕстӕджы 2008 азы августы. Уымӕй фӕстӕмӕ нӕ ӕмбӕстӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, сӕ цӕрӕнуат сын кӕд сцалцӕг кӕндзысты", — загъта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг федта Харебаты Исахъхъы уынджы пырх цӕрӕнуаттӕ ӕмӕ радта фӕдзӕхст, цӕмӕй дыууӕ саразойног хӕдзар.