Цхинвалы митингмӕ рахизӕг адӕмы проблемӕтӕй иу аскъуыддзаг кодтой иу бонмӕ

Донӕввонг Хеиты хъӕуы ӕмӕ йӕ фарсмӕ Мӕскуыйы уынгыл, цы ран знон ацыд цӕрджыты митинг, сцалцӕг кодтой цалдӕр сахатмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Цхинвалы Мӕскуыйы уынджы цӕрджыты проблемӕтӕй иу аскуыддзаг кодтой ӕртыццӕджы изӕрмӕ ӕмӕ ныридӕгӕн сцалцӕг кодтой донӕввонг, фехъусын кодта Цхинвалы районы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ. Уынджы цӕрӕг сылгоймӕгтӕй ма иу дӕр бафидар кодта Sputnik, дон сӕм дзӕбӕхӕй кӕй райдыдта цӕуын.

Мӕскуыйы уынджы цӕрджытӕ рахызтысты митингмӕ ӕртыццӕджы, 13 июны, цӕмӕй хицауад йӕ хъус ӕрдара сӕ проблемӕтӕм. Ӕрымбырдгонд адӕм хъаст кодтой, дон ӕмӕ сӕм газ кӕй нӕй, афтӕ ма сӕм ӕппынӕдзух рыг дӕр кӕй вӕййы, кӕцы сисынц сӕ фӕстӕ хӕдзӕртты цур цы уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕ скъӕрынц, уыдон.

Митинг на улице Московская

Адӕмы хъастӕн дзуапп радта Цхинвалы районы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бибылты Валерий, кӕцы бацыдис доны равзӕрӕнмӕ, ӕмӕ куы федта цалцӕг кӕныны куыстытӕ дзы кӕй хъӕуы, уӕд дзырд ратта доны проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын дыууӕ бонмӕ.

Рыджы тыххӕй та Бибылты Валерий банысан кодта, абоны бон сын кӕй нӕй фадат асфальт сӕвӕрын.

"Нырма нын ис фадат саразын ӕрмӕст дӕр ӕндӕр фӕндаг, кӕцыйыл сӕ бон уыдзӕн скъӕрын уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн. Ӕз бадзурдзӕн ацы фарстимӕ хицауадмӕ, парламентмӕ ӕмӕ президентмӕ. Бафӕлвардзӕн иу мӕймӕ уын раттын дзуаппытӕ", — загъта уый цӕрджытӕн.