Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы офицертӕ уадзынц иумӕйаг рӕвдзытӕ

Уӕрӕсейы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕдты ахуырадон-методикон рӕвдзытӕ уагъд цӕуынц иудадзыг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм гвардейон ӕфсӕддон базӕйы Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуынц бынӕттон ӕмӕ уӕрӕсейаг офицерты ахуырадон-методикон рӕвдзытӕ, хъусын кӕнын хъахъхъӕнынады уагдоны пресс-службӕ.

Ахуыртӕ уагъд цӕудзысты 13-15 июны, хайад сӕ исынц дыууӕ ӕфсады ротӕтӕ ӕмӕ взводты командиртӕ.

"Ахӕм иумӕйаг ахуыр баххуыс кӕндзӕн фӕхуыздӕр кӕнын зонынад, дӕсниад, ӕмӕ фӕлтӕрддзинад, кӕцытӕ ӕнӕмӕнг сты офицертӕн, цӕмӕй сӕ командирон миниуджытӕ райтынг кӕной", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Афтӕ ма уагдоны бафтыдтой, офицертӕ цы зонындзинӕдтӕ райстой, уыдон сын кӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй се 'фсӕддонтӕн хӕстон цӕттӕдзинад ӕмӕ политикон-хъомыладон куыст дӕр ауадзой.

Министрады ма бахахх кодтой, дыууӕ бӕстӕйы хотыхджын тыхты офицерты ахуырадон-тактикон рӕвдзытӕ кӕй уадзынц иудадзыг.