Гасситы vs Усик: рабӕрӕг сты тохы бынат ӕмӕ бон

Уӕрӕсейы Боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев фехъусын кодта тохы организаторты кӕройнаг скъуыддзаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik. Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон тох Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн уагъд ӕрцӕудзӕн 21 июлы Мӕскуыйы, хъусын кӕны РИА Новости.

Усик бафидар кодта йӕ фӕнд Гасситы Мурӕтимӕ тох ауадзыны фӕдыл

Хылы датӕ ӕмӕ бынаты тыххӕй къуырисӕры фехъусын кодта Уӕрӕсейы Боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев йӕ пресс-конференцийы ӔИА "Россия сегодня"-йы.

Ныхмӕлӕуд хъуамӕ ацыдаит 11 майы Саудаг Аравийы, фӕлӕ хыл ахастӕуыд, украинӕйаг боксер тренировкӕты рӕстӕджы травмӕ кӕй райста, уый тыххӕй. Ацы тохы фӕбӕрӕг уыдзӕн Мохаммед Алийы кубокы фыццаг хицау историйы.

Тох ауадзыны фӕдыл вазыгджын баныхас уагъд цыд цалдӕр мӕйы дӕргъы, хылы датӕ ӕмӕ бынат цалдӕр хатты ӕрцыдысты ивд.