Хуссар Иры ӕрурӕдтой ӕхсӕз нозтджын шофыры

Республикӕйы мидхъуыддӕгты министрад фехъусын кодта ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуырийы (11-18 июны) ӕрурӕдтой ӕхсӕз шофыры, кӕцытӕ скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

"Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ рабӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды уагӕвӕрды фехӕлды 248 цауы. Ӕхсӕз шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны ма банысан кодтой, ивгъуыд къуыри республикӕйы кӕй ӕрцыд иу фыдракӕнд, уый ныридӕгӕн рабӕрӕг кодтой. Уыимӕ иумӕ, мидхъуыддӕгты министрады нӕ рахъӕр кодтой, дзырд цавӕр фыдракӕндыл цӕуы, уый.