Бибылты Анатолий доны хынцӕгты тыххӕй: уый у барвӕндон хъуыддаг

Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ фидынц дзырдгонд фиддон доны тыххӕй: 10 сомы иу адӕймагӕй алы мӕй дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент загъта йӕ хъуыды, республикӕйы доныл ӕнӕмӕнг хынцӕг кӕй хъӕуы ӕвӕрын, уый фӕдыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий ауагъта ӕмбырд 2018-2019 ӕзты инвестпрограммӕйы реализацийы фӕдыл. Афтӕ ма рабадты ӕрдзырдтой доны хынцӕгты ӕвӕрды тыххӕй дӕр. Президент бахахх кодта, ацы фарст кӕй скъуыддзаг кӕны адӕмӕн сӕхицӕй.

"Доны хынцӕджы сӕвӕрд у цӕрджыты барвӕндон хъуыддаг. Хынцӕгтӕ ӕнӕмӕнг ӕвӕрдзысты ӕрмӕстдӕр паддзахадон организациты", — загъта Бибылты Анатолий.

Арӕзтады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Зӕгъойты Эдуард, инвестпрограммӕйы реализацийы тыххӕй дзургӕйӕ, банысан кодта, зӕгъгӕ, 32 мадзалӕй, кӕцытӕ нывӕндынц саразын 2018 азы, техникон документаци цӕттӕ нӕу ӕрмӕстдӕр дыууӕйӕн.