Атыдта канализаци: Цхинвалы централон уынгтӕй иу фӕцис доны бын

Канализаци атыдта Хуссар Ирыстоны столицӕйы Мӕскуыйы уынгыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы дыццӕджы бонӕй атыдта канализаци, аварийы фӕстиуӕгӕн доны бын фӕцис Мӕскуыйы уынджы хай, кӕцы ис Вокзалы фӕзуаты цур. Авари ӕрцыд 15:30 сахатыл.

Аварийы бынаты куыстой горӕты службӕты кусджытӕ, уыдон бамбарын кодтой хӕтӕлты атынды аххосаг.

"Тӕрккъӕвдаты аххосӕй коллекторты ӕртымбыл ис бирӕ дуртӕ ӕмӕ цъыф, ӕмӕ канализацийы лӕмӕгъдӕр хӕйттӕ атыдтой. Хъӕудзӕн банхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ дон иууылдӕр рацӕуа", — бамбарын кодта цалцӕггӕнӕн службӕйы кусӕг.