Хуссар Иры парламент сфидар кодта районон тӕрхондӕттӕй иуы сӕрдары

Ӕнӕ разамонджытӕй ма баззадысты тӕрхондӕттӕ республикӕйы ӕртӕ районы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй хорзыл банымадтой Знауыры районы тӕрхондоны тӕрхонгӕнӕджы бынатмӕ кандидатурӕйы, кӕцы бавдыста республикӕйы президент.

Парламент хорзыл банымадта Знауыры тӕрхондоны сӕрдары кандидатурӕ

Абоны онг Знауыры районы тӕрхонгӕнӕг Бестауты Фатимӕ уыд Паддзахадон унитарон куыстуат "УКС"-ы кадрон-барадон хайады хистӕр.

Бестауты Фатимӕ загъта бузныджы ныхӕстӕ депутаттӕн се 'ууӕнкы тыххӕй.

Амӕйразмӕ парламент хорзыл банымадта Уӕлдӕр тӕрхондоны тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ Цхинвалы горӕттаг тӕрхондоны сӕргълӕууӕджы. Дзауы, Ленингоры ӕмӕ Цхинвалы районы тӕрхондӕттӕн нырма нӕ сӕвӕрдтой тӕрхонгӕнджыты.