Ансамбль "Алан"-ы Цхинвалы райстой аншлагимӕ

Цӕгат Ирыстоны сӕйраг ансамбль равдыста ног концертон программӕ Хуссар Ирыстоны кӕсджытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы дыууӕсахатон концертон программӕимӕ ралӕууыд Цӕгатирыстойнаг паддзахадон ансамбль "Алан". Кафджыты къорды гострольтӕм нӕ республикӕйы алыхатт дӕр тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, ӕмӕ ацы хатт дӕр ПККЗ "Чермен" уыд кӕронмӕ йедзаг — организатортӕ ма сфидар кодтой уӕлӕмхас бынӕттӕ дӕр.

Концерт ансамбля "Алан"

Къорды аивадон разамонӕг Тедеты Русланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзал у нывонд ансамблыл 80 азы сӕххӕсты цытӕн.

"Ацы аз мах нысан кӕнӕм юбилей ӕмӕ нӕ фӕнды райдауын нӕ гастрольтӕ Хуссар Ирыстонӕй, уый тыххӕй ӕмӕ мах стӕм иу адӕм. Нӕ зӕрдӕ ис Цӕгаты, нӕ уд та ам", — радзырдта уый.

Къорды артисттӕ ирон адӕмон кӕфтытӕй дарддӕр кафыдысты Цӕгат Кавказы алыгъуызон адӕмты кӕфтытӕ. Афтӕ ма  равдыстой ног кӕфтытӕ дӕр, кӕцытӕ тынг фӕцыдысты кӕсджыты зӕрдӕмӕ.

Концерт ансамбля "Алан"

Цхинвайлӕгтӕ бирӕ рӕстӕг нӕ уагътой артистты сценӕйӕ, алы кафтӕн дӕр кодтой къухӕмдзӕгъд.

Концертмӕ ӕрбацыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, уый загъта артисттӕн бузныджы ныхӕстӕ сӕ аивады бӕрзонд ӕмвӕзады тыххӕй.

"Мӕн фӕнды зӕгъын бузныг не фсымӕртӕн ӕмӕ нӕ хотӕн ахӕм диссаджы лӕвары тыххӕй. Стыр бузныг къорды аивадон разамонӕгӕн, ахӕм профессионализм нын кӕй равдыста. Ӕмӕ уын Хуссар Ирыстоны адӕмы номӕй арфӕ кӕнын уӕ юбилейы цытӕн!", — загъта президент.

Концерты фӕстӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг радта ансамбль "Алан"-ы артисттӕ Джиоты Эдита, Дзебойты Заира, Тотиты Виктория, Мӕргъиты Вадим ӕмӕ Тедеты Тамазийӕн "Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист"-ы цытджын нӕмттӕ.

1 / 6
Ансамбль "Алан"-ы концерт Цхинвалы
2 / 6
Ансамбль "Алан"-ы концерт Цхинвалы
3 / 6
Ансамбль "Алан"-ы концерт Цхинвалы
4 / 6
Ансамбль "Алан"-ы концерт Цхинвалы
5 / 6
Ансамбль "Алан"-ы концерт Цхинвалы
6 / 6
Ансамбль "Алан"-ы концерт Цхинвалы

Цӕгат Ирыстоны Паддзахадон ансамбль "Алан" сырӕзт 1938 азы 7 сентябры, 1997 азы та райста академикон статус. Цӕгат Ирыстоны сӕйраг кафджыты къорд ма ӕрцыд Цхинвалмӕ 2016 азы дӕр.