Путин сфидар кодта Хуссар Ирыстонимӕ ӕмгуыстады хайады сӕргълӕууӕджы

Уӕрӕсейаг лидер президенты администрацийы сӕ бынӕтты сфидар кодта цалдӕр чиновникы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ногӕй снысан кодта Олег Говоруны ХПӔ, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл УФ президенты хайады хистӕрӕй.

"Снысан кӕнын… Олег Маркы фырт Говоруны — Хӕдбар Паддзахӕдты Ӕмбалады бӕстӕтӕ, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Уӕрӕсейы Федерацийы президенты хайады хистӕрӕй", — радӕтта РИА Новости Уӕрӕсейы президенты барамынд.

Олег Говорун ХПӔ, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл УФ президенты хайады сӕргъ слӕууыд 2013 азы фӕззӕджы. Уый размӕ та уыд УФ регионалон райрӕзты министр.