Цӕгат Ирыстоны сараздзысты византиаг стилы аргъуан

Цыппӕрӕмы Дзӕуджыхъӕуы епархийы хайады ӕрдзырдтой цӕттӕгӕнӕн фарстытыл, кӕцыты фӕстӕ ӕрывналдзысты арӕзтадон куыстытӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Ног аргъуан византиаг стилы сараздзысты Цӕгат Ирыстоны Октябры хъӕуы, хъусын кӕны Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Алайнаг епархийы пресс-службӕ.

Алайнаг епархи самайдзæн аргъуан цхинвайлаг ахæстоны

Цыппӕрӕмы Дзӕуджыхъӕуы епархийы хайады ӕрдзырдтой аргъуаны арӕзтады фарстытыл, фембӕлды хайад райстой Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг архиепископ Леонид, Горӕтгӕрон районы сӕрдар Гаглойты Алан ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуккаг епархийы секретарь, иеромонах Стефан (Дзугкойты).

Ӕрымбырдуӕвджытӕ ӕрдзырдтой цӕттӕгӕнӕн фарстытыл, кӕцыты фӕстӕ ӕрывналдзысты арӕзтадон куыстытӕм, афтӕ ма ӕркастысты аргъуаны алыгъуызон проекттӕм. Аскъуыддзаг кодтой, проект кӕй сараздзысты византиаг стилы, куыд астӕузаманы алайнаг аргъуантӕ, афтӕ.

Аргъуаны проект равдисдзысты ӕхсӕнадӕн ӕввахс рӕстӕджы.