Цӕгат Ирыстоны УУМ фӕдзӕхсы ӕвзӕр боныгъӕдтӕй

Республикӕйы территорийыл тӕрккъӕвдатӕ уыдзысты 25 июньмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад фӕдзӕхсы ӕвзӕр боныгъӕдтӕй, кӕцытӕ уыдзысты республикӕйы 25 июньмӕ.

Тӕрккъӕвдатӕ гӕнӕн ис схизын кӕной доны ӕмвӕзад ӕмӕ рацӕуой цъыфы зӕйтӕ, фехъусын кодта уагдоны пресс-службӕ.

"УУМ-ы информацимӕ гӕсгӕ, 23, 24, 25 июны республикӕйы территорийыл уыдзӕн тӕрккъӕвдатӕ ихуардимӕ, дымгӕ дӕр уыдзӕн 20-25м/с", — дзырдӕуы хъусинаджы.

УУМ радзырдтой, тӕрккъӕвдаты рӕстӕджы куыд хъӕуы хи дарын, афтӕ ма ӕрсидтысты, цӕмӕй адӕм хӕдзӕртты бадой ӕмӕ ма пайда кӕной сӕрмагонд транспортӕй.