Дзӕуджыхъӕуккӕгты хъаугъа ахицӕн ис лӕгмардӕй

Азымгонд фӕхыл ис Алагиры районы хъӕуы цӕрӕгимӕ ӕмӕ йӕ кардӕй ныццавта, сбӕрӕг кодта фӕдагуырд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фӕдагурджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Дзӕуджыхъӕуы 26-аздзыд цӕрӕджы ныхмӕ, кӕцымӕ зӕрдӕ 'хсайы Алагиры районы Ногхъӕуы 35-аздзыд цӕрӕджы амарыны фӕдыл, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Фӕдагуырды комитеты регионалон хайад.

Цхинвалы цæрæджы ныццавтой кардæй расыг хылы рæстæджы

Уагдоны банысан кодтой, фыдракӕнд кӕй ӕрцыд 23 июны изӕры Ногхъӕуы Цӕлыккаты Кантемиры уынджы хӕдзӕрттӕй иуы цур. Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, азымгонд хылы рӕстӕджы кардӕй ныццавта бынӕттон цӕрӕджы риу ӕмӕ уый фӕстӕ фӕтары ис цауы бынатӕй. Карды цӕфӕй зианбаййафӕг амард рынчындонмӕ фӕндагыл.

Фӕстӕдӕр оперативон кусджытӕ ӕрцахстой азымгонды, тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй йӕ сбадын кӕной ахӕстоны.

Фӕдагуырд ӕввахс рӕстӕджы фӕнд кӕны амарды фӕдыл тӕрхон рахӕссын фыдгӕнӕгӕн.