Уӕрӕсейаг академиты рауагъдонтӕ баххӕст кӕндзысты Хуссар Иры УУМ рӕнхъытӕ

Ӕвзонг адӕм ахуыр кодтой Мӕскуыйы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) хаххыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг курсанттӕн радтой сӕ дипломтӕ. Рауагъдонтӕ иууылдӕр 1 августӕй райдайдзысты сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын Хуссар Ирыстоны УУМ рӕнхъыты, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

УУМ банысан кодтой, зӕгъгӕ, дипломтӕ райстой УФ УУМ Ӕмбӕстӕгты хъахъӕнынады академийы рауагъдонтӕ Чилӕхсаты Руслан ӕмӕ Плиты Сӕрмӕт, кӕцытӕ ахуыр кодтой "Техносферон ӕдасдзинады" здӕхтыл.

Курсанты МЧС России из Южной Осетии получили дипломы

Афтӕ ма дипломтӕ райстой Паддзахадон зынгивӕрсты ныхмӕ службӕйы академийы курсанттӕ Плиты Линда ӕмӕ Бибылты Эдуард "Тӕрхондоны экспертизӕ"-йы здӕхтыл.

Университеты къухдариуӕгады ӕрхуындмӕ мадзалмӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны минӕварады кусджытӕ.