Президент: фӕсивӕд сараздзӕн Хуссар Ирӕй иууыл хуыздӕр цӕрӕнбынат

Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта фӕсивӕдӕн сӕ бӕрӕгбоны цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Ӕвзонг фӕлтӕр сараздзӕн Хуссар Ирыстонӕй иууыл хуыздӕр цӕрӕн ӕмӕ улӕфӕн бынат, загъта Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы Фӕсивӕды боны цытӕн.

Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы 27 июны нысан кӕнынц Фӕсивӕды бон.

"Хуссар Ирыстоны тынг бирӕ цӕуы арӕзт, цӕмӕй фӕсивӕдӕн уа хорз перспективӕтӕ. Ӕвзонг фӕлтӕрмӕ хъусдард у республикӕйы ахсджиагдӕр социалон куыстытӕй иу. Сарӕзтӕуыд фӕсивӕдон политикӕ. Фылдӕр кӕнынц астӕуккаг, уӕлдӕр ӕмӕ специалон ахуырад райсыны фадӕттӕ. Стыр хъусдард цӕуы ӕгуыст фӕсивӕды нымӕц фӕкъаддӕр кӕнынмӕ", — радӕтта президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий ныфс бавӕрдта, зӕгъгӕ, "ӕвзонг фӕлтӕр уыдзӕн ноджы прогрессивон ӕмӕ размӕцыддӕр ӕмӕ сараздзӕн Хуссар Ирыстонӕй иууыл хуыздӕр цӕрӕн ӕмӕ улӕфӕн бынат".