Гасситы-Усикы тохмӕ фыццаг билеттӕ балхӕндзысты ирон фанаттӕ

Ирыстойнаг фанаттӕн уыдзӕн фадат фыццаг билеттӕ балхӕнын тохмӕ, кӕцыйы сбӕрӕг уыдзӕн чемпион - Мохаммед Алийы Кубок ӕмӕ цыппар роны хицау
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны байдыдтой уӕй кӕнын билеттӕ Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы (WBSS) финалон тохмӕ, цы ран хайад исдзысты дунейон чемпионтӕ Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усик, хъусын кӕны Градус Осетии.

Гасситы Мурӕт ӕрдзырдта Усикимӕ Мӕскуыйы тохы хорз ӕмӕ ӕвзӕр фарсытыл

Афтӕ ма Гасситы Мурӕты промоутерон компани "Урал Бокс Промоушен"-ы директор Алексей Васильев банысан кодта, зӕгъгӕ, ирон фанаттӕн радтой бар, цӕмӕй фыццаг уыдон балхӕной билеттӕ, рагӕй цы тохмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уымӕ.

Дӕргъвӕтин баныхасы фӕстӕ финалон тохы организатортӕ аскъуыддзаг кодтой Гасситы-Усик тох ауадзын Мӕскуыйы спортивон комплекс "Олимпийский"-йы 21 июлы. WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн хъуамӕ ацыдаид Саудон Аравийы 11 майы, фӕлӕ йӕ ахастой, украинӕйаг боксер травмӕ кӕй райста, уый тыххӕй.