Фӕсарӕйнаг футболон фанатты Уралы суазӕг кодтой уӕлибыхтӕй

Кулинарон фестивалы ма уазджыты ахуыр кодтой аразын алыгъуызон националон хӕринӕгтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Къӕбиц хӕстӕг кӕны адӕмты — ахӕм лозунгимӕ Екатеринбурджы ацыд кулинарон фестиваль, кӕцы уыд нывонд Футболӕй Дунейы чемпионатӕн. Уый тыххӕй цыппӕрӕмы фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны националон ахастыты фӕдыл министрады пресс-службӕ.

"Свердловскы ӕхсӕннационалон библиотекӕйы сарӕзтой 13 кӕрты. Фӕсарӕйнаг фанаттӕн сӕ разы ӕрӕвӕрдтой Уралы хӕринӕгтӕ ӕмӕ сӕ зонгӕ кодтой регионы культурӕйы хицӕндзинӕдтимӕ. Традицион уӕрӕсейаг касӕй дарддӕр ма уазджыты разы ӕрӕвӕрдтой ирон уӕлибыхтӕ, узбекаг плов, тӕтӕйраг эчпочмак ӕмӕ башкираг чак-чак.Тынг бирӕ дзы уыд финно-угораг адӕмы къӕбицӕй дӕр", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

1 / 2
Фӕсарӕйнаг футболистты Екатеринбурджы суазӕг кодтой ирон уӕлибыхтӕй
2 / 2
Фӕсарӕйнаг футболистты Екатеринбурджы суазӕг кодтой ирон уӕлибыхтӕй

Министрады ма банысан кодтой, мастер-классты рӕстӕджы уазджыты кӕй ахуыр кодтой аразын алыгъуызон националон хӕринӕгтӕ. Мексикӕйаг фанаттӕ бахаудтой бӕрӕгбонмӕ комкоммӕ хӕдтӕхӕгӕй.

Астӕуккаг Уралы ахӕм фестивальтӕ аразынц иудадзыг.