Цӕгат Иры июлӕй фӕфылдӕр уыдзысты коммуналон фиддонтӕ

Уӕрӕсейы регионты цӕрджытӕм 1 июлӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы коммуналон фиддонты радон фӕфылдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фӕфылдӕр уыдзысты коммуналон фиддонтӕ 3% бӕрц, уый у Уӕрӕсейы иннӕ субъекттӕй къаддӕр (4%), хъусын кӕны РИА Новости.

Дзӕуджыхъӕуы сабидӕтты фӕфылдӕр сты фиддонтӕ

Цӕгатирыстойнаг республикӕ ис регионты хсӕн, кӕцыты коммуналон фиддонтӕ тынг нӕ фӕфылдӕр уыдзысты, Новосибирскы ӕмвӕзадыл.

Иууыл тынгдӕр коммуналон фиддонтӕ фӕфылдӕр уыдзысты Санкт-Петербург ӕмӕ Якутийы — 6%, Кемерово ӕӕм Башкиры — 5,9%, Мӕскуы, Кирово ӕмӕ Новгороды — 5,5%.

Коммуналон хӕрзиуджыты (электро ӕмӕ газифтонгад, донифтонгад ӕмӕ канализаци) фиддонты фӕфылдӕр кӕнынц 2012 азӕй. Ацы аз кӕцыдӕр регионты фӕфылдӕр уыдзӕн бырон ласыны фиддон дӕр.

Цӕрӕнуаты хӕрзиуджыты фиддон дӕр фӕивынц аз иу хатт, фӕлӕ уый гӕнӕн ис уа 1 январы ӕмӕ 1 июлы дӕр, уый у аразгӕ муниципалитеттӕй.