Хуссары Иры ветерантӕ ӕмӕ инвалидтӕ баулӕфдзысты улӕфӕндон "Тамиск"-ы

Лӕвар балцӕгтӕ улӕфӕн-курортон хоскӕнӕндонмӕ уӕлбарон категорийы ӕмбӕстӕгтӕн радта республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ветерантӕ ӕмӕ инвалидтӕ сӕхицӕн схос кӕндзысты ӕмӕ баулӕфдзысты Цӕгат Ирыстоны улӕфӕндон "Тамиск"-ы, хъусын кӕны республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад.

Нагутнийы «Ныфс»

Лӕвар балцӕгтӕ улӕфӕндонмӕ хоскӕнынмӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветерантӕн, кӕцытӕ фӕцӕф сты тохы быдыры ӕмӕ Афганистаны хӕсты хайадисджытӕн радта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад. Улӕфджытӕн – 15 адӕймаджы – ратдзысты транспорт, цӕмӕй сӕ хоскӕныны бынатмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ аласа.

"Ацы аз, Хицауады фӕрцы махӕн фӕзынд ахӕм фадат – уӕлбарон категорийы ӕмбӕстӕгты арвитын улӕфӕндонмӕ хоскӕнынмӕ. Нырма арвыстам улӕфджыты фыццаг къорд, фӕлӕ ацы программӕ кусдзӕн ӕнӕхъӕн сезон", — банысан кодтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.

Курорты, кӕцы ис Алагиры хуссайраг кӕроны, алкӕцы улӕфӕгӕн дӕр сараздзысты индивидуалон хоскӕныны программӕ, цы ран уыдзӕн сӕрмагонд хӕлцад ӕмӕ хоскӕныны найӕн.