ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕбонон кусӕгон балцы ӕрцыд Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады Советы секретары хӕдивӕг Рашид Нургалиев. Цхинвалы йӕ райста президент Бибылты Анатолий.
Фембӕлды рӕстӕджы Нургалиев банысан кодта, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе кӕй ӕрӕмдзых кодтой ӕмгуыстады нывӕзт ацы дыууӕ азмӕ, кӕцыйыл хъуамӕ лӕмбынӕг кусой.
Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта Нургалиевӕн ногӕй йӕ кӕй равзӕрстой Уӕрӕсейы Федерацийы Ӕдасдзинады Советы секретары хӕдивӕгӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, хорз ӕмгуыстад сын кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй.
"Ис фарстытӕ, кӕцытыл хъӕуы ӕрдзурын ӕдасдзинады советы фадыджы, афтӕ ма интеграцийы бадзырды пункттыл дӕр, кӕцытӕ хауынц тыхон органтӕм. Ӕз хъуыды кӕнын ӕмӕ ам цы рӕстӕг уыдзыстут, уый уыдзӕн пайдаджын", — загъта президент.
Нургалиев бафтыдта, кӕй фӕнд кӕны республикӕйы къухдариуӕгадимӕ лӕмбынӕг ӕрдзурын Хъахъхъӕнынады министр ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) фадыджы бадзырдты фӕдыл, дыууӕ бӕстӕйы таможнӕйон оргӕнты интеграцийы фарстытыл ӕмӕ республикӕйы уылты транзитон къӕлидоры арӕзтады фадатыл.