Хуссар Иры Дзауы районы 200 цӕрӕгӕй фылдӕр рацыдысты диспансеризаци

Бынӕттон цӕрджыты ӕнӕниздзинады уавӕр сбӕрӕг кодтой нарӕг профилы специалисттӕ - эндокринолог, кардиолог, невролог, педиатр, реабилитолог, хирург
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг медицинон кусджытӕ ауагътой диспансеризаци Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Синагуры хъӕуы 200 цӕрӕгӕн, хъусын кӕны республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады пресс-службӕ.

Балц арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн интеграцион ӕмгуыстады фӕлгӕтты. Басгӕрст уагътой нарӕг профилы специалисттӕ — эндокринолог, кардиолог, невролог, педиатр, реабилитолог, хирург.

"Дзауы районы басгӕрст РХИ ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадты хсӕн бадзырдмӕ гӕсгӕ у пилотон проект, цӕмӕй республикӕйы арӕзт ӕрцӕуа раззагон медико-санитарон ӕххуысс. Пациентты-иу специалисттӕ уындзысты бынаты: дохтырты амбулаториты ӕмӕ фельдшерон-акушерон пунктты" — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы радзырдтой, зӕгъгӕ, диспансеризаци рӕстӕгыл сбӕрӕг кӕндзӕн адӕмы социалон-ахсджиаг низтӕ — диабет, туберкулез, зӕрдӕйы ӕмӕ психиатрон низтӕ. Басгӕрсты фӕстиуӕгӕн пациентты кӕд хъӕуы, уӕд ӕрвитдзысты лӕмбынӕгдӕр диагностикӕмӕ ӕмӕ госпитализацимӕ Хуссар Ирыстоны республикон рынчындонмӕ.

Специалисттӕ кусдзысты иудадзыг.