Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ ауагътой рейдтӕ гастарбайтерты хсӕн

Июны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ӕрцахстой 20 мигрантӕй фылдӕры, кӕцыты стӕй арвыстой Хуссар Ирыстонӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik. Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) ауагътой рейдтӕ кусӕгон мигрантты хсӕн, цӕмӕй ссарой гоймӕгты, кӕцытӕ халынц республикӕйы территоримӕ бахизын ӕмӕ уӕвыны фӕтктӕ, хъусын кӕны ПӔК пресс-службӕ.

Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, фӕстаг рӕстӕджыты юридикон гоймӕгтӕ ӕмӕ амалиуӕггӕнджытӕ нал дӕттынц куысты бынӕттӕ фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕн ӕмӕ уый аххосагӕн мигранттӕ куы ӕрцӕуынц республикӕмӕ, уӕд райдайынц кусын сӕрмагонд куыстыты.

"Уый фӕдыл, Паддзахадон ӕдасдзинады комитет МХМ миграцийы фӕдыл фарстыты хайадимӕ иумӕ уадзынц мадзӕлттӕ, цӕмӕй ссарой гоймӕгты, кӕцытӕ халынц республикӕйы территоримӕ бахизын ӕмӕ уӕвыны фӕтктӕ. Июны иумӕйаг рейдты рӕстӕджы республикӕйы территорийыл ӕрцахстой 21 фӕсарӕйнаг ӕмбӕстаджы", — радзырдтой ПӔК.

Фыдгӕнджыты фӕивар кодтой ӕмӕ арвыстой Хуссар Ирыстонӕй, афтӕ ма 25 мигранты фӕдыл уадзынц административон фӕдагуырд, бафтыдта ПӔК минӕвар.

ПӔК: Хуссар Иры иу мӕймӕ ӕрцахстой 35 арӕнсӕттӕджы

Афтӕ ма барадхъахъхъӕнджытӕ сбӕрӕг кодтой юридикон ӕмӕ физикон гоймӕгты, кӕцытӕ ӕнӕзакононӕй фӕхуыдтой фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты Хуссар Ирыстонмӕ. ПӔК ӕмӕ МХМ уадзынц процедурӕтӕ, цӕмӕй уыцы гоймӕгтӕ дзуапп радтой.

Уагдоны ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, рӕстӕгмӕ уӕвӕг фӕсарӕйнӕгтӕ хъуамӕ цӕрой адресты, кӕцытӕ сты фыст, чи сӕ фӕхуыдта, уыдоны куырдиатты. Афтӕ куы нӕ уа, уӕд та чи фӕхуыдта, уыцы фарс хӕссы уголовон ӕмӕ административон бӕрн. Ивар уӕд уыдзӕн 500 мин сомы. Уагдоны ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, бӕрн хӕссы фӕсарӕйнаг гоймаг дӕр, кӕцы фехӕлдта республикӕйы уӕвыны фӕтк.

ПӔК радзырдтой, цы профилактикон мадзӕлттӕ аразынц, уыдон ӕнӕмӕнг кӕй сты, террористон тӕссагдзинад кӕй схызт дунейы ӕмӕ фӕфылдӕр республикӕйы мигрантты нымӕц, уый тыххӕй.