Ирондзинадмæ хæхтæм: фæсивæд афæндараст сты этнолагерь "Дзедо"-мæ

Турбазæйы фæсивæд ахуыр кæндзысты фат æмæ æрдынæй æхсын, уадындзыл цæгъдын, националон кæфтытæ æххæст кæнын, раргом кæндзысты ирон къæбицы хæринæгты сусæгдзинæдтæ, сараздзысты балцытæ Ирыстоны фенддаг бынæттæм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Интеллектуалон хъазт "Брейн-рингы" архайджытæ афæндараст сты улæфынмæ хæххон этнолагерь "Дзедо"-мæ, фехъусын кодтой Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæйы.

Сменæ райдтыдта 2 июлы æмæ ахæсдзæн къуырийы бæрц.

"Къуырийы дæргъы фæсивæд сæ рæстæг арвитдзысты ирондзинады тыгъдады – мадæлон æвзагыл дзургæйæ æмæ сæ фыдæлты бынтимæ зонгæ кæнгæйæ. Мадзалы нысан у кæстæр фæлтæры хъусдард аздахын сæ ивгъуыдмæ, ирон культурæ æмæ традицитимæ æввахсдæр базонгæ уæвын", — загътой уагдоны.

Организаторты хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй ам фæсивæдæн уыдзæн экскурситæ æмæ ахуырадон нывæзт.

Хуссар Иры хæххон улæфæндон "Дзедо" æрбакодта йæ дуæрттæ

"Этнолагеры арæзт æрцыд уæрæх нывæзт. Архайджытæн фадат уыдзæн сахуыр кæнын фат æмæ æрдынæй æхсын, уадындзыл цæгъдын, националон кæфтытæ æххæст кæнын, стæй ма раргом кæндзысты ирон къæбицы хæринæгты сусæгдзинæдтæ, сараздзысты балцытæ Ирыстоны фенддаг бынæттæм", — радзырдтой пресс-службæйы.

Этнолагерь сарæзта фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет Хуссар Ирыстоны 2017-2019 æзты паддзахадон монон-фæткæвæрдон нывæзты фæлгæтты. Этнолагерь ис Дзауы районы Хъеуселтмæ хæстæг, турбазæ "Дзедо"-йы.