ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий райста фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) минӕвар Бразилийы Тыбылты Андрейы, хъусын кӕны РХИ сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Паддзахады сӕргълӕууӕг стыр аргъ скодта дипломаты куыстӕн ӕмӕ бахахх кодта, йӕ куыст ӕнӕмӕнг кӕй ӕрхӕсдзӕн бӕрӕг фӕстиуджытӕ.
"Нӕ къахдзӕфтӕ ӕмӕ ӕвӕрд нысӕнттӕ фӕстагмӕ ӕрхӕсдзысты хорз фӕстиуджытӕ. Латинаг Америкӕйы куысты фронт у егъау. Хъӕуы ӕххӕст кӕнын фӕсарӕйнаг политикӕйы курс. Ӕмӕ мӕн уырны, махӕн ӕнӕмӕнг бирӕ кӕй бантысдзӕн. Стыр ныфс дыл ӕвӕрын", — банысан кодта президент.
Тыбылты Андрей загъта бузныджы ныхӕстӕ президентӕн йе 'ууӕнчы тыххӕй ӕмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, сараздзӕн алцыдӕр, цӕмӕй Латинаг Америкӕ фылдӕр базона Хуссар Ирыстоны тыххӕй.