Зӕгъойты Алан Уӕрӕсе-Хорватийы матчы тыххӕй: цӕттӕ дӕн хъазтмӕ

Уӕрӕсейы командӕйы ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Алан загъта йӕ хъуыды Хорватиимӕ хъазты фӕдыл, кӕцы ацӕудзӕн сабаты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы командӕйы ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Алан, кӕцы рауагъта 2018 азы Дунейон чемпионаты цалдӕр хъазты фӕсонты травмӕйы аххосӕй, фехъусын кодта журналисттӕн, хъазтмӕ кӕй у цӕттӕ.

"Зӕронд травмӕ уыд — мӕ фӕсонтӕ рыстысты. Фӕлӕ абон тренировкӕйы рӕстӕджы алцыдӕр уыд хорз. Хъазтмӕ цӕттӕ дӕн", — загъта футболист.

Зӕгъойты Алан банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы дунейон чемпионаты ӕмбулынц хорз командон хъазтимӕ командӕтӕ, ӕмӕ кӕцыдӕр футболистты дунейон зындгонддзинад та ахӕм ахсджиаг нӕу.

Зӕгъойты Алан ногӕй ӕрӕвнӕлдта тренировкӕтӕм

Афтӕ ма Зӕгъойты Алан бахахх кодта, зӕгъгӕ, уӕрӕсейаг командӕ нал ӕруадздзӕн Уругвайы командӕимӕ цы рӕдыдтытӕ бауагъта, уыдон, ӕмӕ цины бафтаудзӕн фанатты.

Футболисты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хорватийы командӕйӕн ацы хъазты ӕнцон нӕ уыдзӕн.

"Мах стӕм чемпионаты хицӕуттӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн Уӕрӕсе уыдзӕн мах ӕвварс. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорватты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, куы йӕ базыдтой ӕмӕ махимӕ хъаздзысты", — загъта уый.

Хъазт Уӕрӕсе — Хорвати цӕудзӕн сабаты, 7 июлы, Сочийы стадион "Фишт"-ыл. Матч райдайдзӕн 21:00 сахатыл.