Цхинвалы ацыд сӕрдыгон турнир аивадон гимнастикӕйӕ

Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны гимнасткӕтӕ хайад райстой аивадон ӕмӕ эстетикон гимнастикӕйӕ сӕрдыгон гом турниры Цхинвалы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik. Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ӕвзонг гимнасткӕты командӕтӕ хайад райстой сӕрдыгон гом турниры аивадон ӕмӕ эстетикон гимнастикӕйӕ, кӕцы ацыд хуыцаубоны Цхинвалы спортивон комплекс "Олимп"-ы.

Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ ралӕууыдысты Алина Кабаевайы фестивалы

Йӕ арфӕйы раныхасы Аивадон гимнастикӕйы федерацийы президент Цхуырбаты Зема банысан кодта, зӕгъгӕ, сӕрдыгон турнир нывонд у гимнастикӕйы тренер, ССРЦ спорты мастер спортивон гимнастикӕйӕ — Гӕбӕраты Людмилайӕн, кӕцы ахицӕн йӕ цардӕй 2014 азы 53-аздзыдӕй.

Турниры хайад райстой 3-15 аздзыд спортсменкӕтӕ — сӕ ралӕудтӕм сын кастысты сӕ ныййарджытӕ, тренертӕ ӕмӕ ӕмгӕрттӕ.

Къорд "Ир-Олимп" ралӕууыд диссаджы программӕимӕ. Афтӕ ма тынг рӕсугъд дзаумӕтты ралӕууыдысты цӕгатирыстойнаг гимнасткӕтӕ дӕр, кӕцытӕ ссисты чемпионтӕ ӕрмӕст сӕхимӕ хӕдзары нӕ, фӕлӕ ма Цӕгат Кавказы Федералон зылды ерысты дӕр.

Ӕртӕсахатон турниры рӕстӕджы гимнасткӕтӕ равдыстой сӕ дӕсниад ӕрмӕст къордты нӕ, фӕлӕ ма иугӕйттӕй дӕр.

1 / 5
Аивадон гимнастикӕ: турнир
2 / 5
Аивадон гимнастикӕ: турнир
3 / 5
Аивадон гимнастикӕ: турнир
4 / 5
Аивадон гимнастикӕ: турнир
5 / 5
Аивадон гимнастикӕ: турнир

Ӕххӕсткӕныны техникӕ ӕмӕ дырысдзинадӕн аргъ кодтой Аивадон гимнастикӕйы федерацийы президент Цхуырбаты Зема ӕмӕ УФ сгуыхт тренер Инна Никитина, кӕцы ивгъуыд къуыри тренировкӕ кодта хуссарирыстойнаг гимнасткӕтимӕ Цхинвалы.

Турниры фӕстӕ алкӕцы хайадисӕджы дӕр схорзӕхджын кодтой цытджын грамотӕтӕй, майдантӕй ӕмӕ зӕрдыллӕууӕн лӕвӕрттӕй.