Тагъд ӕфсадмӕ: Хуссар Иры райдыдта Гарзджын тыхтӕм ӕрсидт

Гарзджын тыхты скондмӕ сидынц ногӕрсиддон солдаттӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдыдта республикӕйы Гарзджын тыхтӕм ӕрсидт. Ӕрсидты къамис кусдзӕн июлы кӕрӕттӕм, хъусын кӕны РХИ Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

"18-27 аздзыд ногӕрсиддонтӕ, кӕцытӕм ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны националон ӕфсады рӕнхъытӕм, фыццаг этапыл цӕуынц медицинон басгӕрст ӕфсӕддон-дохтырон экспертизӕйы домӕнтӕм гӕсгӕ. Ӕрсиддонтӕн, кӕцытӕн къамис ссардта низтӕ, дӕттынц бар иумӕйаг ӕфсӕддон хӕсӕй ссӕрибар кӕнын, уыдон банымадтой ӕнӕбӕзгӕйыл ӕфсӕддон службӕйӕн", — радзырдтой хъахъхъӕнынады уагдоны.

Къамис рацӕуыны фӕстӕ ӕвзонг лӕппутӕ иу мӕй цӕудзысты цӕттӕкӕнынад ӕвзонг ӕфсӕддоны программӕмӕ гӕсгӕ. Офицертӕ ӕмӕ сержанттӕ ӕххуыс кӕнынц ӕрсиддонтӕн ӕфсӕддон службӕйыл сахуыр уӕвынӕн.

В Южной Осетии проходит призыв в армию

Лӕппутимӕ уадзынц рӕнхъыстады цӕттӕкӕнынады ахуыртӕ, ахуыр кӕнынц рӕнхъыстады амӕлттӕ хӕцӕнгарзимӕ ӕмӕ ӕнӕ уымӕй.

"Ӕхсынӕй цӕттӕкӕнынады программӕйы рӕстӕджы ногӕрсиддонтӕ ахуыр кӕнынц хӕцӕнгарзимӕ архайд, йӕ райхалын ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕнын, алыгъуызон уавӕртӕй ӕхсын ӕнӕзмӕлгӕ ӕмӕ фӕзынгӕ милтӕм. Стыр хъусдар цӕуы ӕвзонг баххӕсты физикон цӕттӕкӕнынадмӕ", — банысан кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.

1 / 3
Хуссар Иры райдыдта Гарзджын тыхтӕм ӕрсидт
2 / 3
Хуссар Иры райдыдта Гарзджын тыхтӕм ӕрсидт
3 / 3
Хуссар Иры райдыдта Гарзджын тыхтӕм ӕрсидт

Рӕвдзыты фӕстӕ ӕрсиддонтӕ райсдзысты ардбахӕрд ӕмӕ сӕ арвитдзысты Хъахъхъӕнынады министрады хицӕн ахуырадон ротӕмӕ сӕ дарддӕры службӕмӕ.

Хуссар Иры Гарзджын службӕйы ӕмгъуыд у иу аз.