Хуссар Иры уадзынц ставд фосы вакцинаци

Республикæйы кæцыдæр районты ставдкъах фосыл фæзынд афтæ хуынгæ "нодулярон дерматит"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны районты Хъæууон хæдзарады министрад уадзы ставдкъах фосы вакцинаци нодулярон дерматиты ныхмæ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны сæргълæууæг Пухаты Лев.

Фæсаг рæстæджы республикæйы районты, цы ран фæзынд низ, апарахат сты дам-думтæ, ома низ тæссаг у адæмæн дæр.

"Нодулярон дерматит адæмыл нæ хæцы, ацы низ тæссаг у æрмæст ставд æмæ лыстæг фосæн – стуртæ, сæгътæ æмæ фыстæн. Ветеринарон дохтыртæ рабæрæг кодтой Цхинвал æмæ Знауыры районты ацы низ æмæ уайтагъд райдытой вакцинацийы фæдыл мадзæлттæ. Куыстытæ цæуынц дыккаг къуыри æмæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц", — банысан кодта министр.

Уый ма радзырдта, мадзæлттæ уагъд кæй цæуынц цæрджытæн æнæаргъæй.

Стурты нодулярон дерматит у инфекцион низ, мæлы дзы æрмæстдæр рынчынты 10%, фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, хæссы стыр зиан, уымæн æмæ æндавы урсаджы æмæ фыдызгъæлы гъæдыл.