Æбæрæг нæлгоймаджы мард ссардæуыд Цхинвалы

Развæлгъау информацимæ гæсгæ, нæлгоймаг амардта йæхи, фæлæ ацы верси фидарæй бæрæг нæу
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik. Æбæрæг нæлгоймаджы мард ссардæуыд Цхинвалы, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы.

"КВН театры" директор Ӕлборты Асланы мӕлӕты тыххӕй: уый уыд хиамард

Уагдоны бамбарын котой, мæрдон буар кæй ссардæуыд Цхинвалы цæгат-скæсæн хайы, Хъахъхъæнынады министрады раздæры æфтауцты. Бакастмæ гæсгæ нæлгоймагыл цыдаид 45-50 азы. Басгæрсты рæстæджы тыхмийы миниуджытæ буарыл не ʻссардæуыд.

Развæлгъау информацимæ гæсгæ, нæлгоймаг амардта йæхи, фæлæ ацы информаци нырма бæлвырд нæу.

Барадхъахъхъæнæг органтæ архайынц нæлгоймаджы ном æмæ мыггаг сбæлвырд кæнын æмæ йæ мæлæты аххосæгтæ базоныныл.