Хуссар Иры ӕрцахстой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг сылгоймаджы

Паддзахадон Ӕдасдзинады Комитеты радзырдтой гуырдзиаг горӕт Рустауы цӕрӕг сылгоймаджы ӕрцахсты лыстӕгдзинӕдтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг сылгоймаджы республикӕйы паддзахадон арӕны фехӕлды тыххӕй, хъусын кӕны Паддзахадон Ӕдасдзинады Комитеты пресс-службӕ.

Хуссар Иры арӕныл ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, гуырдзиаг горӕт Рустауы 40-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг Инга Лукхуташвилийы ӕрцахстой Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Балтайы хъӕуы цур.

Тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ, сылгоймаджы ӕркодтой административон бӕрнмӕ, ивар ын бафидын кодтой ӕмӕ йӕ арвыстой фӕстӕмӕ Гуырдзыстонмӕ.