Бибылты Анатолий фембӕлд Мӕскуыйы Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министримӕ

Фембӕлд сӕххӕст ис Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты фарстытыл ӕмӕ ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл ӕхсӕнпаддзахадон бадзырды фӕлгӕтты проектты реализацийыл Мӕскуыйы ӕрдзырдтой РХИ президент Бибылты Анатолий ӕмӕ УФ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Сергей Чеботарев, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Фембӕлды рӕстӕджы, кӕцы цыд Мӕскуыйы Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады, ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты фарстытыл, афтӕ ма ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн бадзырды фӕлгӕтты проектты реализацийыл дӕр", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Бибилов встретился в Москве с главой Минкавказа

АФтӕ ма Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр ӕркастысты 2018-2019 ӕзты Инвестпрограммӕйы реализацимӕ.