Гӕн бадымыны тыххӕй Цхинвалы цӕрӕг бафыста аст мин сомы

Тӕрхондон фӕивар кодта 43-аздзыд горӕттаджы наркотикон буарадты ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) наркотикон бурадтӕм хъусдарды хайады кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

43-аздзыд горӕттаджы куы ӕрцахстой, уӕд ацыд медицинон басгӕрсты процедурӕ.

"Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, фыдгӕнӕг кӕй пайда кодта наркотикон буарад "гӕн"-ӕй", — банысан кодтой МХМ.

Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны закон фехалыны тыххӕй Цхинвалы тӕрхондон фӕивар кодта нӕлгомаджы аст мин сомы.