Фесӕфт пенсиисӕг: Цхинвалы цӕрӕг ацыд хӕдзарӕй ӕмӕ нал ӕрбаздӕхт

Кокойты Сергей 8 июлы рахызт йӕ хӕдзарӕй Хъайтарты уынгыл ӕмӕ нал ӕрбаздӕхт
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны агурынц Цхинвалы 81-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы 8 июлы рахызт йӕ хӕдзарӕй Хъайтарты уынгыл ӕмӕ нал ӕрбаздӕхт, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Кокойты Сергейы хиуӕттӕ фехъусын кодтой цауы тыххӕй барадхъахъхъӕнджытӕн, нӕлгоймаджы агурынц, куырдиат куы бадӕттой, уӕдӕй фӕстӕмӕ.

"Милицийы кусджытӕ басгӕрстой, нӕлгоймаг кӕм фесӕфт, уыцы территори, фӕлӕ йын йӕ фӕдтӕ нырма не ссардтой. 81-аздзыд пенсиисӕджы ориентировкӕ бадӕттой горӕты ӕмӕ районты мидхъуыддӕгты хайадтӕм", — банысан кодтой уагдоны.

Агуырдмӕ ӕрбаиу сты Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ дӕр.