Гергиты Валерий ӕмӕ Мюнхены оркестр ӕхгӕнынц сезон

Традицион open-air концерт ацӕудзӕн Мюнхены Одеонсплац фӕзуатыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Маэстро Гергиты Валерий ӕмӕ Мюнхены филармонон оркестр ауадздзысты 2017-2018 сезоны кӕронбӕттӕнон концерт сабаты, хъусын кӕны Мариинаг театры пресс-службӕ.

Гергиты Валерий ӕмӕ Мариинаг оркестр ралӕудзысты Италийы

Традицион open-air концерт ацӕудзӕн Мюнхены Одеонсплац фӕзуатыл.

"Программӕйы уыдзӕн аритӕ Гектор Берлиозы, Жюль Массне, Вольфганг Амадей Моцарты, Гаэтано Доницеттийы, Джузеппе Вердийы, Джакомо Пуччинийы оперӕтӕй, афтӕ ма Николай Римски-Корсаковы симфоникон сюита "Шехеразада" дӕр. Къухдариугад кӕндзӕн зындгонд перуанаг оперон зарӕггӕнӕг Хуан Диего Флорес", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Гергиты Валерий ӕмӕ Мюнхены филармонон оркестры радон иумӕйаг ралӕудтӕ ацӕудзысты сентябры, Швейцаримӕ коллективы гастролон туры фӕлгӕтты.