Ирыстойнаг богалтӕ ссисты Испанийы Гран-прийы призертӕ

Ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацыд Мадриды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июл — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг богалтӕ рамбылдтой ӕртӕ сыгъзӕрин ӕмӕ иу ӕвзист майданы Испанийы Гран-прийы уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Ossetia News Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕйы ныхӕстӕ.

Сӕ уӕзты категориты уӕлахиздзаутӕ ссисты Бадтиаты Артур (65), Фриаты Таймураз (86) ӕмӕ Тӕпсиаты Тамерлан (92).

Ӕвзист майданы хицау ссис Цӕрӕхаты Сӕрмӕт (79).

Ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацыд Мадриды.