Чызг ӕмӕ фыды Хонгӕ кафт бахауд видеомӕ

Интернетӕй пайдагӕнджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд чындздзон къаба, фӕлӕ хорз саргъ кодтой чындзы кафтӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Интернеты тынг спопулярон ис видео, кӕцы систой Цӕгат Ирыстоны чындзӕхсӕвы ӕмӕ йӕ смыхуыр кодтой ирон пабликтӕй иуы.

Чындз йӕ фыдимӕ кафы Хонгӕ.

Кӕцыдӕр интернетпайдагӕнджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд чындздзон къаба, фӕлӕ хорз саргъ кодтой чындзы кафтӕн.

"Ирон Хонгӕ кафт ахӕм къабайы нӕ фидауы. Чындз у тынг рӕсугъд. Хорз амонд йын бинонты царды", — фыстой иутӕ.

 

Аннӕтӕ та ныффыстой тынг зӕрдиаг комментаритӕ чызджы диссаджы грацийы тыххӕй.

"Диссаджы дарӕс ыл ис. Тынг рӕсугъд ӕмӕ пластикон кафт кӕны. Нӕ хъӕуы хӕлӕг кӕнын. Фыд фӕндараст кӕны йӕ чызджы ног цардмӕ ахӕм рӕсугъд кафтӕй!", — ныффыстой интернетӕй пайдагӕнджытӕ.