Дзӕуджыхъӕуы бакодтой уголовон хъуыддаг 54-аздзыд педофилы ныхмӕ

Нӕлгоймаг тыхми сарӕзта 13-аздзыд чызджыл – йӕ ӕмцӕрӕджы хӕстӕгыл фарон ноябры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Фӕдагурӕн комитеты кусджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Дзӕуджыхъӕуы 54-аздзыд цӕрӕджы ныхмӕ, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы ӕнахъом чызгӕн тыхми бакӕныны хъуыддаджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта уагдоны пресс-службӕ.

Дзæуджыхъæуккаг лӕджы ӕрцахстой æнахъом чызджытӕн тыхми аразыны тыххӕй

"Фарон ноябры 13-аздзыд чызг уыд уазӕгуаты йӕ хӕстӕгмӕ, кӕцы цӕры зӕрдӕӕхсайгӕ нӕлгоймагимӕ Дзӕуджыхъӕуы. 15:00-ыл нӕлгоймаг, йе 'мкъай хӕдзары куы нӕ уыд ӕмӕ сывӕллонимӕ иунӕгӕй куы аззад, уӕд ын сарӕзта тыхми", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ныртӕккӕ нӕлгоймаджы ӕрцахстой. Ӕввахс рӕстӕджыты йын зылыны тӕрхон рахӕсдзысты ӕнахъом зианбаййӕфӕджы ныхмӕ тыхми саразы фӕдыл.