Ирыстойнаг хъӕбысхӕцджытӕ ссисты IV сӕрдыгон спартакиадӕйы уӕлахиздзаутӕ

Ерыстӕ цыдысты Пензӕйы ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой 95 хъӕбысӕйхӕцӕджы Уӕрӕсейы Федерацийы 30 субъектӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсментӕ бацахстой призон бынӕттӕ IV сӕрдыгон спартакиадӕйы уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны 15-регион.

Ерыстӕ цыдысты Пензӕйы ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой 95 хъӕбысӕйхӕцӕджы олимпиаг уӕзы категориты Уӕрӕсейы Федерацийы 30 субъектӕй.

Цӕгат Иры сараздзысты Ӕмтохӕдты галуан

Сыгъзӕрин майданты хицӕуттӕ ссисты Хӕдӕрцаты Алик (57кг), Бикойты Вадим (65 кг) ӕмӕ Теблойты Ацӕмӕз (125кг) — спортсментӕ архайдтой Ханты-Мансийскы автономон зылды командӕйы сконды.

Бӕдоаты Астик, кӕцы архайы Мӕскуыйы областы командӕйы сконды, схызт дыккаг къӕпхӕнмӕ 86 килограмм уӕзы категорийы.

Наниты Славик (86 кг), Хуыгаты Артик (97 кг) ӕмӕ Бӕззаты Тимур ссисты турниры бронзӕйы призертӕ.