Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци

Хӕрзаудӕн фонд "Лӕвар базыртӕ" ауагъта акци цхинвайлаг рынчын чызджы ӕххуысӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хӕрзаудӕн акци райдыдта дыццӕджы изӕры цхинвайлаг кафе "Vincenzo"-йы. Сорганизаци йӕ кодта фонд "Лӕвар базыртӕ" онкологийӕ рынчын чызджы ӕххуысӕн. "Винченцо"-йы ӕртымбыл сты бирӕ горӕттӕгтӕ, цӕмӕй ӕрбалӕууой 11-аздзыд Дзӕгъиаты Миланайы бинонты фарсмӕ.

"Махмӕ ӕххуысы тыххӕй ӕрбадзырдта астӕумагъзы онкологийӕ рынчын сывӕллоны мад. Чызджы хъӕуы зынаргъ операци, кӕцы йын сараздзысты Израилы. Уӕрӕсейы не сразы сты ахӕм операци саразын, уый тыххӕй ӕмӕ сӕ бон гаранти раттын нӕу, инвалидӕй кӕй нӕ баззайдзӕн", — радзырдта фонды хистӕр Цхуырбаты Татьяна.

Благотворительный фонд "Подари крылья"

Фонд "Лӕвар базыртӕ" агентад Sputnik, "Остелеком", ПТРК "ИР" ӕмӕ Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуанимӕ иумӕ ауагътой кафе "Vincenzo"-йы мадзӕлттӕ.

Акци райдыдта равдыст "Колобок"-ӕй, кӕцы сӕххӕст кодта куклӕйон театр. Уый фӕстӕ кӕсджыты фӕхуыдтой стыр трафаретыл цъиуы сныв кӕнынмӕ — хӕрзаудӕн фонды символ.

1 / 9
Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци
2 / 9
Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци
3 / 9
Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци
4 / 9
Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци
5 / 9
Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци
6 / 9
Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци
7 / 9
Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци
8 / 9
Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци
9 / 9
Миланайӕн ӕххуысӕн: Цхинвалы ацыд хӕрзаудӕн акци

"Кӕрӕдзийӕн ӕххуыс ӕмӕ хӕрзаудӕн архайд хъуамӕ уа нӕ ӕхсӕнадӕн хуымӕтӕг хъуыддаг. Ахӕм акцитӕ махӕн ӕххуыс кӕнынц бӕрнон ӕмӕ хорз ӕнкъарӕнтӕ райтынг кӕнынӕн", — загъта акцийы хайадисджытӕй иу.

"Спортивон комплекс "Олимп"-ы та 4 августы уыдзӕн хӕрзаудӕн ленк Миланайы ӕххуысӕн. Алкӕйдӕр хонӕм", — бафтыдта Цхуырбаты Татьяна.