УУМ фӕдзӕхсы: Цӕгат Иры уыдзӕн тӕрккъӕвдатӕ

Ӕввахс ӕртӕ боны республикӕйы территорийыл ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тӕрккъӕвдатӕм ӕмӕ тыхдымгӕтӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) апарахат кодта хъусинаг, зӕгъгӕ, ӕввахс ӕртӕ боны республикӕйы территорийыл февзӕрдӕр уыдзӕн боныгъӕд. Уӕлвӕткон уагдоны пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, ӕввахс ӕртӕ боны республикӕйы территорийыл ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тӕрккъӕвдатӕм, ихуардмӕ ӕмӕ тыхдымгӕтӕм.

Сӕрды хъулӕттӕ: Цӕгат Иры ӕнтӕфы раивдзысты тӕрккъӕвдатӕ

"Синоптикты информацимӕ гӕсгӕ, 19, 20 ӕмӕ 21 июлы республикӕйы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц тӕрккъӕвдатӕм, ихуардмӕ ӕмӕ тыхдымгӕтӕм 20-25 м/с. Ирвӕзынгӕнджытӕ сидынц адӕммӕ, цӕмӕй уой арӕхстджын ӕмӕ хъусдараг", — банысан кодтой уагдоны.

Боныгъӕды февзӕры фӕдыл уагдоны бафӕдзӕхстой, республикӕйы цӕугӕдӕтты кӕй схиздзӕн доны ӕмвӕзад. Цӕгат Ирыстоны хӕхты гӕнӕн ис ӕрцӕуой чысыл цъыфы зӕйтӕ.