Ирон спортсментӕ ссисты дунейы чемпионтӕ сумойӕ

Ирыстойнаг спортсментӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы командӕйы сконды ӕмӕ бацахстой дыккаг бынат командон ерысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 июл — Sputnik. Ирон хъӕбысхӕцджытӕ сумойӕ Мӕргъиты Василий ӕмӕ Куыдзойты Эдуард ссисты дунейы чемпионтӕ сумойӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ. Ерысты цыдысты Тайбэйы 21-22 июлы.

Мӕргъиты Василий ӕрдӕгфиналы рамбылдта япониаг сумоисты 115 килограмм уӕзы категорийы — финалы та рамбылдта монголиаг хъӕбысхӕцӕджы.

Ноджы ма иу сыгъзӕрин майдан рамбылдта Куыдзойты Эдуард, абсолютон уӕзы категорийы финалы рамбылдта польшайаг спортсмены.

Командон ерысты уӕрӕсейӕгтӕ байахстой дыккаг бынат, фыццагыл та ацыд Японы командӕ. Ирон спортсменты тренертӕ сты Токкаты Владислав ӕмӕ Рӕмонаты Эдуард.